esperanto.net

Цы у эсперанто?

Эсперанто равзæрдис 19-æм æнусы, æрымысыди йæ Варшавæйы цæрæг цæстыты дохтыр Людвиг Заменгоф. Пайда дзы кæнынц куыд нациты 'хсæн æвзагæй. Эсперанто тынг æнцон у ахуыр кæнынæн, уый тыххæй æмæ национ æвзæгтæй хъауджыдæр у адæймагæй конд æвзаг. Хуымæтæг адæймаджы эсперантойыл сдзурынæн 3-6 мæйæ фылдæр нæ бахъæудзæн.

Эсперанто рапарахат иc фыццаг чиныгæй, кæцы мыхуыргонд æрцыд 1887-æм азы. Нæ рæстæджы эсперантойыл дзурынц 120 бæстæты цалдæр милуан адæймаджы.

Кæмæн ахсджиаг у эсперанто базонын:

Эсперанто у нейтралон æмæ æндæр æвзæгты бартæ нæ халы. Кæйдæр национ æвзаг зын у ахуыр кæнынæн, эсперанто та нæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, дунейы адæмтæн эсперантойы раз æмхуызон уавæртæ ис.

Adreso: http://www.esperanto.net/info/baza/os_eo-baza.html
Lasta ŝanĝo: 2004-04-07, Xavier Godivier
La retejo estas omaĝata al ĝia kreinto Torben Kehlet.
Ekde junio 2002 administras ĝin UEA, reto@uea.org.